Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Æнæмыхуыргонд тексттæ. 1973 аз. Æрæмбырд сæ кодта, разныхас æмæ сын фиппаинæгтæ ныффыста Бязырты Алыксандр. ———————————— Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон институтты архивты æнæмыхуыргонд къухфыстыты нарты таурæгътæ æмæ сæ варианттæй 1959 азы уыдысты фондз сæдæйы бæрц. Уыдонæй мыхуыр æрцыди нæуæдзмæ æввахс, иннæтæ нын зонгæ нæма сты. Нырыонг, ома сæдæ азы дæргъы, нарты таурæгътæй мыхуыргонд чи æрцыд, уыдонæй сæ цы хъауджыдæр ис, ууыл нын зын дзурæн у. Мах равзæрстам ацы таурæгътæ хицæнæй рауадзынæн иу цалдæр миниуæджы тыххæй. Нæ фольклоры рагæй дзырдæуы, нарты размæ зæххыл цардысты уæйгуытæ æмæ гуымирытæ, зæгъгæ, фæлæ ахæм таурæгътæ мыхуыры хæрзыстæм сты. Дзæвгар дзы ис Цхинвалы 1942 азы мыхуыргонд «Нарты эпос»-ы, фæлæ сыл иутæ гуырысхо кодтой. Йе уымæ гæсгæ мах ацы чиныджы мыхуыр кæнæм: «Гуымирытæ, уæйгуытæ, нартæ», «Нарты Уæрхæг æмæ йæ фыртты хæст уæйгуытимæ», «Созырыхъо æмæ дæлимонтæ» æмæ æндæр ахæмтæ. Нарты эпосы нырмæ нæ раргом, комкоммæ бæлвырд исты историон цау кæнæ бæлвырд исты историон адæймагыл чи дзуры, ахæм таурæгътæ, фæлæ ис «историон» цыбыр хабæрттæ, искæцы адæмы мыггаджы равзæрдыл кæм дзырдæуы, ахæмтæ. Йе уымæ гæсгæ ацы æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты мæнæ ахæм рагон хабæрттæ: «Гуымирытæ», «Царциатæ», «Нартхоры фæзынд» æмæ æндæр ахæмтæ. Афтæ алы уацмысæн дæр ис исты ног миниуæг йе йæ мидисæй. йе йæ формæйæ, йе йæ нысаниуæгæй — ацы æмбырдгондмæ йæ, иннæты хъауджыдæр, цæмæн бахастам, уымæн, уыцы миниуджытæй иутæ æргом кæнæм нæ фиппаинæгты. Чиныг «Нарты эпос»-ы (1942 аз) мыхуыр сты Андиаты Тебæ æмæ йæ фырт Барисы кадджытæ, фæлæ йæ къухфыстытæ мыхуыр никуы ма сты. Уыдон та редакцигонд æрцыдысты сæрмагонд Нарты бригадæиы (къамисы) уæнгты къухæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, редакци баххуыс кодта къухфыстты мидис æмæ формæ фæаивдæр кæнынæн, фæлæ цымыдисаг сты оригиналтæ дæр — æвзагæй дæр æмæ сæ хъайтарты митæй дæр. Гъе уымæ гæсгæ æмбырдгондмæ бахастам Андиаты Барисы оригиналон къухфыстытæй иу цалдæр.

Теги других блогов: фольклор эпос Нарты